775просмотров
74.0%от подписчиков
16 ноября 2025 г.
Score: 853
ДЖЕОРГУЫБАЙЫ БÆРÆГБОН КУЫД ФÆЗЫНД. Ацы таурæгъ мын дзырдта мæ дада, Дзантиаты Леуан.
«Раджы кæддæр цардысты ирон лæг Джеор æмæ йæ ус — Гуыба. Иу хатт куы уыд, уæд сæм æрбахоста фæндаггон лæг. Уый та уыди Уастырджи.
Уыдон æй мидæмæ 'рбахуыдтой, суазæг æй кодтой.
Уазæг сын загъта:
«Æз суанг Тæтæры бæстæйæ рараст дæн æмæ мæ сымахæй уæлдай ничи суазæг кодта». Джеор Гуыбайæн сусæгæй афтæ бакодта:
«Ай цыдæр дзæбæх лæг у æмæ йын нæ далыс аргæвдæм».
Ус нæ разы кодта уыцы дыууæ фысæй уæлдай нæм куы ницы ис, зæгъгæ.
Лæг ын загъта:
«Цу ды уæртæ дæ кæрдзынты кой кæн».
Йæхæдæг кусарт акодта.
Фынг сцæттæ ис æмæ зæронд лæг сыкъа райста кувынмæ. Уæд ын уазæг лæг афтæ зæгъы:
«Чи зоны, мæ куывд Хуыцау хуыздæр айса, æмæ мын кувыны бар ратт».
Зæронд лæг уæлдай ницуал загъта, физонæг æмæ йæм сыкъа радта.
Уастырджи скуывта:
«Уæдæ Хуыцау, уыцы хорзæх ратт, цæмæй ацы хорз адæмæн сæ иу сæдæ кæна, сæ дыууæ та — мин. Абонæй фæстæмæ Иры адæмæн та бæрæгбон куыд уа — Уастырджийы æхсæв, дыццæг æхсæв — Джеор æмæ Гуыбайы номыл». Радзырдта йæ Дзантиаты Митя.
Ныффыста йæ Туаты Алинæ.