I
IRON ARGHAW
@ironarghaw1.0K подп.
675просмотров
64.5%от подписчиков
23 октября 2025 г.
Score: 743
Ӕмбисонд ӕрбауай Цӕлойтӕн сӕ рӕсугъд, ой Мӕ уд мын фӕхаста йӕ бакаст, йӕ бахудт, ой Ӕз нал дӕн хӕдзарӕй, ӕмгӕрттӕй фӕцух дӕн, ой Ӕррайау дӕ фӕдыл куы зилын ӕдзухдӕр, ой Ӕрцӕут хӕлӕрттӕ, ӕрцӕут мӕ размӕ, ой Ӕмгарӕн йӕ сагъӕс фӕсурут уӕ дардмӕ, ой Фӕсайы рӕсугъдмӕ мӕ бӕсты фӕцӕут, ой Мӕ хъуыды, мӕ сагъӕс йӕ разы фӕкӕут, ой Зӕгъут ын, хӕлӕрттӕ, зӕгъут ын мӕ номӕй, ой Мӕнӕн дӕр мӕ фӕрстӕ кӕй не сты ӕндонӕй, ой Йӕ мӕтӕй мӕ зӕрдӕ куы судзы, куы риссы, ой Мӕ тых мын, мӕ хъару куы исы, куы сӕтты, ой Ӕмбисонд ӕрбауай Цӕлойтӕн сӕ рӕсугъд, ой Мӕ уд мын фӕхаста йӕ бакаст, йӕ бахудт, ой Зӕгъут ын, хӕлӕрттӕ, бирӕ йӕ кӕй уарзын, ой Ӕнӕ уый цӕрын кӕй нӕ уал фӕразын, ой Зӕгъут ын, хӕлӕрттӕ, бирӕ йӕ кӕй уарзын, ой Ӕнӕ уый цӕрын кӕй нӕ уал фӕразын, ой
675
просмотров
746
символов
Нет
эмодзи
Нет
медиа

Другие посты @ironarghaw

Все посты канала →
Ӕмбисонд ӕрбауай Цӕлойтӕн сӕ рӕсугъд, ой Мӕ уд мын фӕхаста й — @ironarghaw | PostSniper