1.2Kпросмотров
14 марта 2026 г.
Score: 1.3K
Райсомæй бакастæн Хуссар Ирыстоны æнæхъæн депутаты пост - Плиты Костикы. Æз дæ федтон мæ каналы, æмæ зонын кæй мæ кæсыс уый, мæ дæ цæсгоммæ куы бакастæн, уæд уайтагъд бамбæрстон - ног галстучный гуыбыны калм, кæй дæ уый. Ныр та хъус ардæм. Дæуæн чи радта бар дих кæнын ирæтты? Фæлæ сæ кæныс дих. Хуссар Ирыстон ис ныры заманы æрмæст Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы тыххæй. Цæгат Ирыстон хæссы Хуссар, Цæгаты цæрынц хуссар ирæтты ФЫЛДÆР хай. Ахъуыды кæн лæмбынæг, Хуссар Ирыстоны граждантæй фылдæр хай фылдæр рæстæг цæры Цæгаты. Мæ исчи исты загъта хуссайрæгты ныхмæ ам? Ничи æмæ ницы, цæрынц ам æнæ хъуылымпыйæ, уый тыххæй æмæ сты ирæттæ.
Мæ кæй райдыдтай мæгуыр капеччытæ нымайын, уæд æрмæст уымæ гæсгæ (бирæйæ иу аргумент ) - Хуссар у цæгат ирæтты паддзахад дæр. Уымæй уæлдай ма нæ дзурын æртæккæ цæгат ирæттæ тох кæй кæнынц алы хатт фарсæй фарсмæ гуырдзыйы ныхмæ. Нæ дзурын æртæккæ цæгат лигъдæттæн ног хæдзар кæй радта æмæ афтæ дардтæр. Кæд дæумæ гæсгæ ирæттæн паспорт хъæуы æрмæст хæдтулгæты æмæ пенситы тыххæй, æмæ дæ фæнды фæтк фæкарздæр кæнын, уæд ардыгæй мæнæй дыууæ фарсты: а) Айдæны приципмæ гæсгæ, смахæн (разы чи у Костиккы æдылы мнениимæ) чи радта бар Уæрæсейы паспорт дарын? Райсом уæ æнхæлмæ кæсдзысты посольствæйы æмæ уайтагъд паспорттæ радтут. Кæнод уæ хъæуы Уæрæсæ æмæ Цæгат Ир æрмæст фадæтты тыххæй: пенситæ, ахуырдзинад, куыст, медицинæ, хостæ, хæлцадон продукттæ - иу дзырдæй АЛЦЫДАЕР, ЦЫ ФÆНДЫ ДÆР материалон гæрзтæ, дзаумæттæ, кæнæ лæггæдтæ.
Ды дæхæдæг Мæскуыйы ахуыр фæдæ квотæ дын кæй радтой уый тыххæй.
Радт уайтагъд дæ дыггаг паспорт. Фæлæ йæ нæ ратдзынæ - уымæнымæ ды дæ уырыссагау ПАРАЗИТ Цæгат Ирыстоны, дунейы ирæтты æмæ Уæрæсейы буарыл. б) Æнæхъæн депутат куы дæ, уæд дæм никуы не 'рхауд ахæм хъуыды - мæ цæй тыххæй Хуссар Ирыстоны паспорт бæззы æрмæст хæдтулгæйы æлхæнынмæ?
Æз дын ногæй ратдзынæн дзуапп:
Сымах аххосæй. Сымах нæ уадзут ирæтты кæнын бизнес æмæ ног фадæттæ аразын Хуссары, сымах аххосæй адæм лидзынц уырдыгæй, сымах шовинизмы тыххæй, æмæ анти-ирон уавæртæй æнæхъæн ПАДДЗАХАД хъæуы æрмæст хæдтулгæйы тыххæй, уымæн æмæ инæммæ нæ бæззы. Ды æдылы куы нæ уыдаис, уæд ацы диалог 2026 азы не 'рцыдаид.
Царды закъæдтæ сты ахæм æмæ дзы фыццагæй гом кæныс дуæрдтæ, æмæ уавæртæ, уый фæстæ та адæм райдайынц агуырын, æмæ аразын амал кæнгæйæ Паддзахадæй пайда кæнын.
Рæстæг рацæудзæн, нæ бафиппайдзынæ æмæ паспорт хъæудзæн бирæ цæмæн.
Æндæр цыдæртæ цы ныффысстай, уыдон иууылдæр лыггонд цæуы тынг хуымæтæгæй. Депутат дæ æмæ закъон аразыс. Гæнæн ис æмæ рацæуа ахæм закъон, кæцымæ гæсгæ пенситæ фидой æрмæст бынæттонтæн æмæ афтæ дардтæр. Мæ ай уы æнæхъæн ХУССАР ИРЫСТОНЫ РАЗЗАГДÆР ФÆСИВÆД, ÆНÆХЪÆН ДЕПУТАТ. Кæд ахæм шовинистически мнени бады фæсивæды сæрты, уæд хистæртæй цы æнхъæлмæ кæсæм? P.S.:
60 миллуаны... Хæдæгай, кæцæй райстай ацы нæмæц? Парламæнты сессии размæ Скрудж Макдак кастæ телевизоры, æви? P.P.S.
Гуыбыны зулкъ, мæ ды дæхæдæг уыдтæ æфсады службæйы?