216просмотров
19.5%от подписчиков
29 марта 2026 г.
🎬 ВидеоScore: 238
Ирон театры репертуары зӕрдӕйӕн зындӕр спектакльтӕй иу у "Гӕздӕнтӕ". Авд лӕппуйы мады хъысмӕт Ирыстоны чи нӕ зоны, ахӕм адӕймаг ссарӕн дӕр нӕй. Гӕздӕнты мад Тасо чызгӕй уыд Уаниатӕй. Абон Ирон театрмӕ саккаг кодтой Уаниаты мыггаджы минӕвӕрттӕ дӕр. Спектакль куы фӕци, уӕд сценӕмӕ схызтысты. Тасойы сурӕт сценӕйыл афтӕ арф ӕмӕ аив чи равдыста ,уыцы артисткӕ Гӕбуты Жаннӕйӕн зӕрдиагӕй бузныг загътой. Уымӕй уӕлда ма раарфӕ кодтой театры разамонӕг ӕмӕ спектакльы ӕввӕрӕг режиссер Уалыты Гивийӕн ,йемӕ иумӕ та ацы равдысты чи архайдта ,уыцы артисттӕн.