Б
Бадри Газзати
@badrigazzati207 подп.
709просмотров
15 октября 2025 г.
Score: 780
ДОДОЙ Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ, Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау! Зæй уæ фæласа, нæ тæрхоны лæгтæ, – Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!.. Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд, Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг, Дзыллæйы мæстæй уæ исчи фæриссæд, Иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!.. Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой, Рухс кувæндæттæй хынджылæг кæнынц, Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой, Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц... Иугай ныйистæм, ныууагътам нæ бæстæ, Фос дæр ма афтæ ныппырх кæны сырд, – Фезмæл–ма, фезмæл, нæ фыййау, нæ фæстæ, Иумæ нæ рамбырд кæн, арфæйы дзырд!.. Оххай–гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры, – Кадмæ бæлгæйæ æгадæй мæлæм... Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, – Гъе, мардзæ, исчи! – бынтон сæфт кæнæм!
709
просмотров
720
символов
Нет
эмодзи
Нет
медиа

Другие посты @badrigazzati

Все посты канала →